Амондджыныл нымад у уыцы сылгоймаг, ныййарæджы ад чи банкъардта
Амондджыныл нымад у уыцы сылгоймаг, ныййарæджы ад чи банкъардта. Фæлæ уæлдай кады аккаг та у уыцы сылгоймаг, æмæ зынвадæттæ ницæмæ даргæйæ, бирæ цот чи схъомыл кодта. Нæ æрмæджы иннæ хъайтар Дзиццойты Верæ йæхи нымайы амондджыныл, йæ цардæмбал Будзиимæ схъомыл кодтой 13 сывæллоны. Абон цин кæнынц уыдоны кæстæртыл. Сæ хъæбулы хъæбултæ сты 19.